Рет қаралды 1,094
Ацы хатт нæм йæ рæстæгыл саккаг кодтой Раздзоджы минæвæрттæ. Радзырдтой нын, сæ хъæу 185 азы юбилеймæ куыд цæттæ кæны æмæ дзы цæрынæн цы фадæттæ ис, уый тыххæй. Куыд загътой, афтæмæй бæрæгбон кадджынæй арвитдзысты. Дзырдтам, инклюзивон ахуырады домæнтæй медицинон академийы куыд пайда кæнынц, ууыл дæр. Нæ хатдзæгыл дызæрдыг нæ кæнæм - ахуыргæнæндоны уыцы куыстмæ здахынц стыр æргом æмæ уымæн йæ ахадындзинад бæрæг дары. Программæйы æртыккаг хайы та нæм саккаг кодтой фæзминаг фæсивæды минæвæрттæ Дигорайæ. Къорд рæстæджы размæ сæ бафæндыд армрестлертæ суæвын. Ныр дыууæ хæлары цæуынц сæ бæллиц æххæст кæныны фæндагыл. Афтæмæй та дзы иуы суанг дохтыртæ дæр нæ уагътой...
_________________________
Мы рядом в:
irystontv
ok.ru/irystontv
/ irystontv
zen.yandex.ru/irystontv
t.me/irystontv