ЗАРАДЖЫ БАЗЗАД Танхълаты Жорка

  Рет қаралды 132

Альбина Секинаева

Альбина Секинаева

Ай бұрын

Хъысмӕт... Адӕймаг цӕмӕ нӕ сарӕхса ӕмӕ цы нӕ базона ацы зӕххыл, ӕвӕццӕгӕн, ахӕмӕй ницы ис. Гъе ӕрмӕст адӕймаг нӕ зоны, цы уыдзӕн йӕ сомбон, цы йын ӕрцӕттӕ кодта йӕ хъысмӕт, цавӕр зындзинӕдты сӕрты йӕ бахъӕудзӕн ахизын.
Джызӕлы кадджындӕртӕй иу Танхълаты Жоркӕйы хӕстон хабӕрттӕ чи зоны, уыдон абон дӕр дис кӕнынц, йӕ хъысмӕт куыд рауад, ууыл. Абон кӕд Жоркӕ не хсӕн нал ис, уӕддӕр зарӕджы баззад йӕ ном.
Танхълаты Темырболаты фырт Жоркӕ райгуырд 1910 азы Джызӕлы. Хъӕуы астӕуккаг скъолайы фӕстӕ Жоркӕ ахуыр кӕнынмӕ бацыд Алагиры хъӕууонхӕдзарадон техникуммӕ. ӕнтыстджынӕй йӕ каст фӕци, фӕлӕ йе стыр бӕллиц уӕддӕр уыд тӕхӕг суӕвын
ӕмӕ хъӕуккаг лӕппу ӕдзух цы хорздзинадмӕ бӕллыд, уый 1936 азы йӕ къухы бафтыд. Каст фӕци Севастополы хӕстон-авиацион училищӕ ӕмӕ сси тӕхӕг.
1939 аз. Æвзонг тӕхӕджы арвыстой горӕт Ржевы уӕззау бомбӕтӕ ӕппарӕг тӕхджыты полкмӕ. Уый фӕстӕ та - горӕт Кӕлининмӕ. Хорз цыдис йӕ службӕ. Цыбыр рӕстӕгмӕ йӕ къухы бафтыд уӕлдӕфы 1600 (иу мин ӕмӕ ӕхсӕзсӕдӕ) сахаты бӕрц фӕтӕхын, ӕмӕ кӕд дыууӕ азы йеддӕмӕ нӕма службӕ кодта, уӕддӕр ын полчы ӕрыгон тӕхджытӕ ахуыр кодтой йӕ фӕлтӕрддзинадыл.
Йӕ арӕхстдзинад, йӕ хорз службӕйы тыххӕй йын полчы командир зӕрдӕ бавӕрдта отпуск раттынӕй. Цин кодта Жоркӕ, йӕ бирӕ хотӕ, йӕ мад ӕмӕ йӕ фыдмӕ фыста: «Ма тыхсут, мӕ бинонтӕ, тагъд кӕрӕдзийы фендзыстӕм».
Фӕлӕ йӕ фыстӕг Ирыстонмӕ нӕма схӕццӕ, афтӕ райдыдта Финляндиимӕ хӕст. Знагимӕ уӕлдӕфон тохты ноджы тынгдӕр рабӕрӕг сты ирон лӕппуйы ныфс, хӕрзарӕхст ӕмӕ йӕ лӕгдзинад. Иу бон та йӕ хӕстон хӕс сӕххӕст кодта ӕмӕ фӕстӕмӕ здӕхт йӕ аэродроммӕ. Фӕлӕ ӕваст цыдӕр кодта йӕ хӕдтӕхӕг ӕмӕ сау пиллон калгӕ сау хъӕдмӕ ӕрхаудта. Йӕ уд бӕргӕ аирвӕзт, фӕлӕ бахауд уацары финаг хӕстонтӕм. Фӕстӕдӕр райдыдта Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕст. Стырдӕр зынтӕ ӕмӕ тухитӕ та уӕд бавзӕрста Жоркӕ. Кӕм - уазал, кӕм стонгӕй ӕрвыста йӕ бонтӕ.
Жоркӕйӕн ма уыд ӕртӕ ӕфсымӕры, Кахарман, Петр ӕмӕ Алихан. Фыдыбӕсты Стыр хӕст куы райдыдта, уӕд ӕфсымӕртӕ дӕр фыццӕгтимӕ ацыдысты Райгуырӕн бӕстӕйы сӕрвӕлтау тохмӕ. Кахарман ӕмӕ Петр нал сыздӕхтысты фӕстӕмӕ, сӕ кӕстӕр хъӕбатыр Алихан та Финляндийы, Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕсты ӕмӕ Апоны хӕсты архайӕг тынг ӕхсарджынӕй равдыста йӕхи тохы быдырты. Сси булкъон. Фӕстӕдӕр ын лӕвӕрд ӕрцӕудзӕн бирӕ хӕрзиуджытӕ.
Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕст фӕци, уӕддӕр Танхълаты Георги , Жоркӕйы хабар нӕма уыд. Зӕронд мад ӕмӕ фыд ын ӕгас ӕнхъӕл нал уыдысты, мардыл ӕй банымадтой. ӕхсӕз азы йыл сӕ судзгӕ цӕссыг фӕкалдтой, , стӕй йын уӕлмӕрдты афтид ингӕныл хъӕдын цырт ныссагътой.
Начало песни.
Фӕлӕ Жоркӕйы амонд разынд адзалӕй тыхджындӕр. Цӕфтимӕ ӕмӕ буары сыгъдтытимӕ уацары фӕци Финляндийы цыппар мӕйы. Фӕстӕдӕр ма , йемӕ нӕхи хӕстонтӕй уацары чи уыди, уыдонимӕ сӕ сырхӕфсӕддонтӕ баивтой финнаг уацайрӕгтыл. Тӕдзынӕгӕй - цыхцырӕгмӕ, куыд фӕзӕгъынц, афтӕ рауад йӕ хъуыддаг джызӕйлаг цардбӕллон лӕппуйӕн. Зылын тӕрхон кӕмӕн рахастой, уыцы адӕмимӕ цалдӕр азы арвыста Жоркӕ дӕр. ӕрмӕстдӕр 1946 азы куы сбӕлвырд сты хъуыддӕгтӕ, уӕд Жоркӕйӕн дӕр фесты йӕ хӕстон хъизӕмӕрттӕ.
Фӕллад хӕстон сӕрӕгасӕй сӕмбӕлд йӕ райгуырӕн хӕдзарыл, Джызӕлы стыр хъӕубӕстыл атахт цины хабар.
Жоркӕ йе мгӕрттӕй цалдӕримӕ ныццыдис уӕлмӕрдтӕм, джихӕй бирӕ фӕкастис афтид ингӕнмӕ, стӕй сласта зӕххӕй йӕ цырт. Схаста йӕ сӕхимӕ ӕмӕ йӕ стыр куывды бон ӕхсидгӕ цуайнаджы бын арты басыгъта. Уӕдӕй нырмӕ кӕд бирӕ азтӕ рацыд, уӕддӕр йӕ буц хистӕрӕн зарӕгӕй ӕгъдау скодта Жоркӕйӕн йе мхъӕуккаг, хӕдахуыр композитор Моргуаты Эльбрус. Ныхӕстӕ зарӕгӕн ныффыста Ирыстоны адӕмон поэт Чеджемты Æхсар.
Хъӕбатыр тӕхӕг Райгуырӕн Бӕстӕ
Цы уарзтӕй уарзта!
Карз тохы заман ирон лӕджы ном
Кадджынӕй хаста.

Пікірлер
Из моих архивов АЛЬБИНА БАЕВА
35:08
Альбина Секинаева
Рет қаралды 3,8 М.
Я нашел кто меня пранкует!
00:51
Аришнев
Рет қаралды 2,5 МЛН
Вечный ДВИГАТЕЛЬ!⚙️ #shorts
00:27
Гараж 54
Рет қаралды 13 МЛН
Haha😂 Power💪 #trending #funny #viral #shorts
00:18
Reaction Station TV
Рет қаралды 15 МЛН
3M❤️ #thankyou #shorts
00:16
ウエスP -Mr Uekusa- Wes-P
Рет қаралды 9 МЛН
Ирон аивады хӕзнадон БАЛЛАТЫ  ВАЛОДЯ
39:59
Альбина Секинаева
Рет қаралды 387
Братья Каллаговы из селения Кадгарон
20:33
Альбина Секинаева
Рет қаралды 1,2 М.
МАТЕРИНСКОЕ СЕРДЦЕ часть 1 Тасо Газданова
20:27
Альбина Секинаева
Рет қаралды 216
ВЕРНОСТЬ ОТЕЧЕСТВУ  ГЕНЕРАЛ ГАЦОЛАЕВ
37:56
Альбина Секинаева
Рет қаралды 143
СКАЗИТЕЛЬ  ТОМАЕВ  МЫСЫРБИ
20:30
Альбина Секинаева
Рет қаралды 598
Из моих архивов  ЦАГЪАТИ ГАМУРЗА прожил 101 год!
23:09
Альбина Секинаева
Рет қаралды 234
ХАЗБИ УРУЙМАГОВ
27:43
Альбина Секинаева
Рет қаралды 270
Братья Дзебоевы
30:00
Альбина Секинаева
Рет қаралды 164
Secret Wireless charger 😱 #shorts
0:28
Mr DegrEE
Рет қаралды 2,4 МЛН
Неразрушаемый смартфон
1:00
Status
Рет қаралды 2,2 МЛН
ИГРОВОВЫЙ НОУТ ASUS ЗА 57 тысяч
25:33
Ремонтяш
Рет қаралды 313 М.
Main filter..
0:15
CikoYt
Рет қаралды 13 МЛН
Спутниковый телефон #обзор #товары
0:35
Product show
Рет қаралды 1,9 МЛН