Зилгæйы 9 аздзыд сывæллон йæхимæ йæ къух систа

  Рет қаралды 10,024

iRYSTON TV

iRYSTON TV

Күн бұрын

Зилгæйы цы æвирхъау цау æрцыд, уый æнæхъæн республикæйы цæрджыты зæрдæтæ сæнкъуысын кодта. 9 аздзыд лæппу йæхиуыл йæ къух систа. Цы кодта сывæллон, цæмæн бакодта афтæ æмæ цæмæй нæ уыд разы йæ царды? Ныртæккæ ацы фарстатæн дзуапп раттыныл кусынц слестгæнæн оргæнтæ. Байгом кодтой уголовон хъуыддаг. Нæ республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеслав дæр уæлдай цæстдард здахы ацы фарстамæ. Иутæ зæгъынц, сывæллоны хъыгдæрдтой скъолайы. Уым та дзурынц иннæрдæм, ома аххосджын сты бинонтæ сæхæдæг, зæгъгæ. Чи сæ у раст? Нæ уацхæсджытæ хъуыддагмæ æркастысты лæмбынæг.
9 аздзыд Оледжы бинонтæ гуырысхо нæ кæнынц: лæппуйы мæрдтæм батардтой скъолайы. Йæ фыды мад куыд дзуры, афтæмæй сывæллон арæх скъолайы фæстæ уыд æрхæндæг зæрдæ. Фарон ын, бинонты ныхæстæм гæсгæ, ахуыргæнæг йæ ныхыл ныффыста æвзæр бæрæггæнæн - дыууæ, æмæ йæ йе мгæртты хсæн фæхудинаг кодта. Йæ царды фæстаг бон та афтæ тыхст уыд æмæ æхсæвæрæй иу комдзаг дæр нæ акодта.
Скъолайы аххосджын сæхи нæ хонынц. Зæгъынц, ахуыргæнджытæ сывæллæтæм тынг дзæбæх цæстæй кæсынц. Уæлдай дæр та хъæуккаг скъолайы. Иууылдæр зонгæтæ æмæ хиуæттæ кæм сты, уым.
Ахуыргæнæджы аххос дзы кæй нæй, уый уырны хъæуы стыр ныхасы минæвæртты дæр. Сæ ныхæстæм гæсгæ, цалдæр азы цæуынц скъоламæ, æмæ кæсынц сывæллæттæм цы цæстдард цæуы, уымæ.
Ахуыргæнæджы сæрыл ма хæцынц Оледжы æмкъласонты ныййарджытæ дæр. Уыдон куыд зæгъынц, афтæмæй ахуыргæнæг йæхимæ никума æркæсын кодта. Сывæллæттæ дзы сæхæдæг никуы рахъаст кодтой. Скъолайы фæкуысты 28 азы.
Зилгæйы хъæуы ма афтæ дæр дзурынц: бинонтæн сæхи аххос у. Уавæр уым сæ хуыздæртæй нæ уыд. Мад æмæ фыд ахицæн сты. 4 азы размæ. Мад ацыди Мæскуымæ. Олег та царди йæ фыдимæ, фыды мад æмæ фыды фыдимæ. Сывæллон мады мысыд. Йе мбæлттæй иу загъта, фыдбылызы бон, æнкъард кæй уыд, фæндыди йæ мады фенын.
Чи у уæдæ аххосджын? Хъуыддагмæ нырма лæмбынæг æркæсдзысты. Фæлæ Цæгат Ирыстоны сæргълæууæджы цур сывæллæтты бартæ хъахъхъæнæг æххæстбарджын минæвар Кокайты Артур гуырысхо нæ кæны: лæппуйы йæхи амарыны онг æртардтой. Фæлæ, чи?
Æртæ боны размæ чысыл лæппуйы бавæрдтой. Хæдзары, йæ уаты та алцыдæр куыд уыд, афтæ. Ницæмæ æвналынц. Дзаумæттæ, хъазæнтæ сæ бынæтты. Лæппу нал ис, æрмæст ма йæ уарзон адæммæ къамæй йæ мидбылты худы. Слестгæнæн къамисы байгом кодтой уголовон хъуыддаг. Уыцы иу рæстæг цæуы медицинон экспертизæ дæр. Скъоладзауты æмæ ахуыргæнджыты, хæстæджыты æмæ сыхæгты фæрсынц. Фæдæвзарæн мадзæлттæ дарддæр æххсæт кæнынц.
_
Мы рядом в:
irystontv
irystontv
Telegram: t.me/irystontv
/ irystontv
irystontv

Пікірлер: 14
@user-rb1wo9he6b
@user-rb1wo9he6b 4 жыл бұрын
Ай йа дзыхы ема уыцы ахуырганаган. Фос. Конечно покрывать будут. Ма сываллоны та бира хъауы? Рухсаг у ма гыццыл афсымар
@klassgagion693
@klassgagion693 5 жыл бұрын
Дзæнаты бад 🙏🙏🙏
@ossnart3640
@ossnart3640 5 жыл бұрын
РУХСАГ У.
@user-uy9xd8rm3u
@user-uy9xd8rm3u 2 жыл бұрын
МАГУЫР ЙА БОН , РУХСАГ УАТ! БАГУЫДАР АЛЦЫ ЦАУЫ БИНОНТАЙ , МАД АМА ФЫДАЙ , УАД СЫВАЛЛОНМА ДАР АНДАР ЦАСТАЙ КАСТ ВАЙЫ.
@lana-hz7rc
@lana-hz7rc 8 ай бұрын
Маленький просто хотел привлечь к себе внимания мамы . Хотел напугать и не просчитался.
@liktik6676
@liktik6676 Жыл бұрын
Бахатыр кæнут , фæлæ лæппу агуырдта уарзондзинад йæ мадæй...
@user-ie7fk6qq6y
@user-ie7fk6qq6y 5 жыл бұрын
Рухсаг уат,магуыр сываллон ,ана ркастай фесафт'...,ерынма уыцы мады цаман хьауынц уыцы хцата,кад куысты фадыл ацыд уад!?
@user-st6fx7ge4p
@user-st6fx7ge4p 6 жыл бұрын
Рухсаг у
@Жанна-у5з
@Жанна-у5з Жыл бұрын
Очень много учителей которые портят жизнь своим ученикам и таких учителей немало
@ДзамболатЕналдиев-ю6г
@ДзамболатЕналдиев-ю6г 2 жыл бұрын
Рухсаг у мæгуыр..
@user-rk2gb5td2k
@user-rk2gb5td2k 5 жыл бұрын
Рухсаг у!!!
@bastarbby4610
@bastarbby4610 5 жыл бұрын
Рухсаг у...
@БИББВГ
@БИББВГ 4 жыл бұрын
Мама и папа из виноватых номер один
@user-wr3uy8wu3z
@user-wr3uy8wu3z Жыл бұрын
Йае ныхыл ын чи ныфыста?
Бураевы | Бинонтæ
28:29
iRYSTON TV
Рет қаралды 12 М.
Teaching a Toddler Household Habits: Diaper Disposal & Potty Training #shorts
00:16
He bought this so I can drive too🥹😭 #tiktok #elsarca
00:22
Elsa Arca
Рет қаралды 53 МЛН
Утро 24KZ | Выпуск 08:00 от 16.09.2024
45:43
Телеканал 24kz
Рет қаралды 2,3 М.
Уаниты Хъазыбег | Уидæгты ирдгæ
36:07
Къостайыхъæу I Боциты Павел
13:45
iRYSTON TV
Рет қаралды 8 М.
Хъахъхъæдур I Фæрдгуытæ
16:15
iRYSTON TV
Рет қаралды 16 М.
Черткоевы. Бинонтæ
20:49
iRYSTON TV
Рет қаралды 5 М.
Кучитæ I Бинонтæ
24:26
iRYSTON TV
Рет қаралды 2,9 М.
Кокайтæ | Бинонтæ
29:05
iRYSTON TV
Рет қаралды 10 М.
Барзыхъæу | Фардгуытæ
25:01
iRYSTON TV
Рет қаралды 9 М.
Teaching a Toddler Household Habits: Diaper Disposal & Potty Training #shorts
00:16